ㅤ
О Иры зæхх! Хъаймæт ысты дæ цаутæ,
Фæлвары ныл йæ сау рынтæ фыддуг,
Бæрæгбонты дæр нал исæм нæ саутæ,
Кæнæм мæстæй нæ цæссыгты хуыдуг.
Сыгъдæг кæны сыгъд зæххы рыг æртæхæй,
Фæлтæрд æмæ æвдудон у ирон.
Дзырдтой фыдæлтæ: бирæгъы фыдæхæй
Тыхджындæр вæййы дзуджы фарн... Уыдтон:
Нæ лæгтæ артæй сонт сабиты скъæфтой,
Уыдис ирон мад алкæмæн йæ зæд...
Нæ тæрсын æз мæ адæмæн бынсæфтæй,
Нæ уыдзæн ир фыдвæд æмæ æвæд!
Уыраугæ хъуысы дунетыл нæ хъарæг,
Кæнæм сæркъулæй додой æмæ сар,
Уæддæр та зæлдзæн иу афон нæ зарæг,
Нæ хуымты суадздзæн фарны хор æвзар.
Джыккайты Шамил, 11-12.09.2004
Post #668
449
Forwarded from Уæрхæг
