Post #1542
86
Forwarded from Hohag
Уӕ райсом хорз ☀️. Ам уӕлдӕр, карз ныуӕзты тыххӕй кой рацыд, зӕгъгӕ ИРОН адӕмы фынгтыл карз ныуӕзт кӕй ӕрцӕуы ӕвӕрд ӕмӕ ацы ныхасмӕ мӕ хъуыды зӕгъдзӕн.Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын,карз нуӕзт фынгтыл кӕй райдыдтой ӕвӕрын ИРОН адӕм,уӕдӕй фӕстӕмӕ ӔГЪДАУ хӕлын райдыдта.Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнын, уый зӕгъдзӕн.Куыд зонӕм, Нарты- кадджытӕ сты ИРОН адӕмы стырдӕр хӕзна, сӕ ахсджиагдӕр бынат ӕхсӕнады царды кӕцы ахсы, уыдонӕй сӕ иу.Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм уым, арахъхъ-карз ныуӕзты кой иу ран дӕр никуы цӕуы.Арахъ у ӕрбайсгӕ дзырд, араббаг- горячительнй напиток.ИРОН адӕм рагӕй абонмӕ пайда кодтой ИРОН бӕгӕны ӕмӕ къуымӕлӕй.ИРОН адӕм алы бӕрӕгбонмӕ дӕр фыхтой бӕгӕны ӕмӕ уымӕй куывтой ХУЦАУ- Уастырджи - зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕм- бардуагтӕм.Адӕймаг уый ӕмбары ӕмӕ алкӕй бон кӕй нӕу,раст хъуыдыйы бацӕуын 🔥 ХУЦАМӔ ӕргом хъуыды ӕмӕ ныхасӕй☝️ батабу кӕнын.Афтӕ сахуыр сты адӕм, хъыгагӕн, цӕмӕй "нӕмӕнгӕй" сӕр хъуамӕ истӕмӕй "зила" кӕнӕд бирӕтӕн сӕ бон сӕ хи "райхалын"- бацин кӕнын нӕ вӕййы,чи ӕфсӕрмӕй чи мӕттӕй кӕнӕд мастӕй.Уыцы хъуыддӕгтӕ срӕсугъд кӕнынӕн ХУЦАУ радта ИРОН адӕмӕн ИРОН бӕгӕны☝️ кӕцыйӕн йӕ хуымӕллӕджы карз дзинад дӕр у фаг,цы фӕнды хъуыддаджы сӕры бадт ма уа,уӕлдай нӕу.Арӕх ис фехъусӕн,зӕгъгӕ карз ныуӕзтӕн йӕ"бӕрц" зонын хъӕуы,фӕлӕ цард ӕмӕ рӕстӕг куыд ӕвдисынц,афтӕ уынӕм,ахӕм хъуыды ӕмӕ ныхас кӕй нӕ кусынц.Хъыгагӕн бирӕ хорз фӕсивӕд карз арахъӕн йӕ "бӕрц" не 'саргӕйӕ, ӕвзонгӕй мӕрдтӕм фӕцыдысты.Цы нӕ хъыгдары царды,нӕ ИРОН ӔГЪДАУ ӕххӕст кӕнын,уыцы хъуыддӕгтӕй куы фе'рвӕзиккам уӕд вӕцӕгӕн хуыздӕр еддӕмӕ, ӕвзӕрдӕр ӕнхъӕл дӕн нӕ уыдзӕн,куы ахъуыды кӕнӕм уӕд. ӔЗ НЫХАСӔЙ ХЪУЫДДАГМӔ РАХЫЗТӔН,6- АФӔДЗЫ РАЗМӔ.ХӔДЗАРЫ 🔥 ХУЦАМӔ 🔥 КУВГӔЙӔ,СТӔЙ ЦЫ ФӔНДЫ ХУЫДТАДЖЫ ФЫНГЫЛ☝️КӔД НЫУӔЗТӔН ИС БЫНАТ,УӔД АФТИД☝️ ИРОН БӔГӔНЫЙӔН! ӔМӔ УӔ ЧИ ЗӔГЪДЗӔН 🔥ХУЦАУ🔥 АФТИД 👉карз ныуӕзтӕй👈 КӔЙ ХЪУСЫ АДӔЙМАДЖЫ КУЫВД? ӔНХЪӔЛ ДӔН,АХӔМТӔ НӔ РАЗЫНДЗӔН.
- 👍 3