Азау (Хацырты А.)
ЛЫГЪД
Фæзмыдтон амонд хъазгæ æз,
Уд уарзты уацары нæ куымдта,
Мæхицæй хъалдæр мыл фæхæст,
Æнхъæл дæн, амонд мæ æркъуырдта.
Цæмæй фæтарстæн, циу мæ лыгъд,
Тæппудæй та мæхи кæд зыдтон?
Мæ уарзт æнæнхъæлæджы ’рцыд,
Йæ фæзындмæ цæттæ нæ уыдтæн.
Дзæгъæл, мæтæфтауæг рынау,
Дæ хуыз мæ хъуыдыйæ рæмудзын,
Бæгъæввад къæхты бын зынгау
Мæ хивæнд уарзт йæ лыгъды судзы.
Рухстауӕн проект #рухс_ссудз #рс_поэзи
Post #2689
101
- ❤ 4
- 🤔 1