… фæзмынгæйæ, кæд дæ ирон, уæд де ‘взаг зон!
Абон у Уæрæсейы æвзæгты бæрæгбон. Не стыр бæстæйы ныхас кæнынц 155 æвзагыл, сæ иу у ирон æвзаг.
Хъыхъагæн, абон йæ исдзинадыл æвæрд æрцыд фарсты нысан. Бирæтæ дзурынц йæ сæфтыл æмæ йæ æдасдзинадыл. Æвзаг хъуамæ ма уа æхсæнады къабæзты хъузон, фæлæ уыимæ, ныры заманы домæнтæм хъуамæ æххæсса.
Абон ирон культурæйæ зæрдæ райы, зарджытæй, стæм литературон уацмыстæй дæр, рекламæйы дзы парахат пайда кæнын райдыдтой æмæ æндæр дæнцæгтæ, кæцытæм гæсгæ æвзаг рæзы. Уый хорз у, фæлæ цалынмæ сæрибарæй не сдзурæм иронау нæ республикæйы алы къуымты, цалынмæ æфсæрмы кæнæм, цалынмæ ирон ныхас интелигенцийы æвзагмæ нæ сисæм, уæдмæ хойдзыстæм нæ сæр — сæфы, зæгъгæ.
❤️ Абон алы адæмы хатты минæвæрттæ, ирæттæ дæр, хъуамæ æркæсой се ‘взæгтæм: сæ рæсугъд, сæ аив æмæ цымыдис скондмæ. Абон мæ фæнды, цæмæй алчи бафæлвара иу бон иронау дзургæ арвитын. Æрмæстдæр бафæлвара, æмæ фена цас удæнцой дæтты мадæлон æвзаг.
#ахъуыды_кæнæм
Post #1053
125
Forwarded from Агуындæ зæгъы…
- 👍 1