Задать вопрос 👉 @MFA_RSO_bot
МИД РЮО в Инстаграм: https://www.instagram.com/mfa_rso
МИД РЮО в Facebook: https://www.facebook.com/share/1FWxdfsYXQ/?mibextid=wwXIfr
МИД РЮО в ВК: https://vk.ru/club215920510
МИД РЮО в Х: https://x.com/mid_rso?s=11&t=cN8P
Post #4367
26
Тӕфӕрфӕсы тексты дзырдӕуы:
МИД РЮО
«Не ’хсӕнӕй фӕхъуыд, йе ’гъдау йӕ разӕй кӕмӕн цыдис, ахӕм хистӕр. Мӕскуыйы цӕргӕйӕ Ирыстонӕн лӕггад кӕнынӕй нӕ фӕллад. Ирон ӕвзаг, культурӕ, историон бынтӕ хъахъхъӕныныл архайдта бирӕ хъуыддӕгтӕй. Йӕ алыварс ӕрбангом кодта Мӕскуыйы цӕрӕг ирӕтты ӕмӕ сын ныфсы цӕджындз басгуыхт. Кӕрӕдзиуыл баста хицӕн фӕлтӕрты, ӕмӕ се 'ппӕтӕн дӕр уыд уарзон хӕлар. Йӕ уӕзгӕ ныхас дзырдта не 'мзӕххонтимӕ фембӕлдты дӕр ӕмӕ мыхуыры фӕрӕзты дӕр. Ирыстоны монон хӕзнатӕ бахъахъхъӕнынӕн йе 'мзонд адӕмимӕ ӕххӕст кодта ахадгӕ проекттӕ, кӕстӕрты ӕмхиц кодта ирон ӕгъдау ӕмӕ аивадмӕ. Уӕздан ӕмӕ рӕдау, цыргъзонд ӕмӕ хъӕлдзӕг — ахӕмӕй баззад нӕ зӕрдӕты.
Тамерлан йе 'ххуысы къух кӕмӕ фӕдаргъ кодта, йӕ уды рухс кӕуыл байтыдта, ахӕм адӕм бирӕ ис, ӕмӕ семӕ сӕркъулӕй хъынцъым кӕнӕм мах дӕр. Наци кӕмӕй фидауы, ахӕм лӕгтӕ не 'хсӕнӕй куы ахицӕн вӕййынц, уӕд адӕмыл стыр зиан ӕрцӕуы. Фӕлӕ уӕлӕуыл баззайы сӕ ном ӕмӕ сӕ фарн. Ходы Тамерлан йӕ фӕстӕ цы фарн уадзы, уый цӕргӕйӕ баззайдзӕн, чи йӕ зыдта, уыдоны зӕрдӕты. Тӕфӕрфӕс кӕнын йӕ бинонтӕ, хӕстӕджытӕ ӕмӕ къабӕзтӕн. Рухсаг уӕд!»
МИД РЮО
- ❤ 1










