TGViewer
Channel Public Channel
ФИДИУӔГ

ФИДИУӔГ

@ironkanal

Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацы каналы уӕ бон у ӕрвылбон фӕрсат/кӕсат ног хабӕрттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагыл!

Стӕй-ма @ironkanal дарддӕр рекомендаци кӕнут уе 'мбӕлттӕн ӕмӕ уӕ хӕстӕджытӕн.

Стыр бузныг, @ironkanal
Subscribers
2.15K
Photos
2.9K
Videos
2.3K
Links
2K
Recent Posts 19 shown
Post #5649 81
☄️ Чъребайы йе 'нусон дунемӕ ахизын кодтой Ӕлборты Ацӕмӕзы, кӕцы фӕмард Сӕрмагонд хӕстон операцийы.

Ацӕмӕзыл цыд 37 азы, бинонтӕ йын нӕ бантыст скӕнын...

Рухсаг у!

@ironkanal
  • ❤ 1
  • ⚡ 1
  • 🔥 1
  • 😢 1
Post #5648 198
🔤 Бирӕ уырыссаг каналты ирӕттӕ фыссынц, Цӕгат Ирыстоны Парламент дам райста ирон ӕвзаджы закъон ӕмӕ цин кӕнынц.

Фӕлӕ уый раст нӕу, ницӕй закъон ӕрцыд ист, уый нырма дӕр у проект ӕмӕ кӕд ӕй райсдзысты ӕмӕ бахиздзӕн йӕ тыхы, уый ничи нӕ зоны. Мӕнмӕ гӕсгӕ, Меняйлойы дуджы ахӕм закъон не 'рцӕудзӕн ист.

©СТЫР НЫХАС
  • 💯 2
  • ⚡ 1
  • 🤔 1
  • 🤯 1
  • 😨 1
Post #5647 207
🚌 Цӕгат Ирыстоны дам шоферты дефицит ис.

Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд ӕнӕхъӕн хицауад куы бакусиккой шофертӕй, уӕд адӕмӕн хуыздӕр нӕ уыдзӕн?
@ironlanal
  • 💯 3
  • 😁 2
  • ⚡ 1
  • 👍 1
  • 👏 1
Post #5646 258
🏪 Дæллаг Санибайы "Дукани" байгом кодтой .

Алчидӕр хъуамӕ араза уыййас, йӕ бон цас у, цӕмӕй ирон ӕвзаг парахат кӕна!!!

@ironkanal
  • 👍 9
  • ❤ 3
  • 🔥 2
  • 🥰 1
  • 👏 1
Post #5645 303
⚡️ Ӕз ацы ног модӕ не 'мбарын: нӕ зынгӕ тренертӕ, дирижертӕ, скульптортӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр сӕ профессийы бӕрзӕндтӕм тъӕпп кӕнынц сӕ сывӕллӕтты дӕр, фӕлӕ сты уыцы цот дӕр ахӕм стыр таланттимӕ?

Гӕззаты Валерийы фырт Владимир дӕр ахӕм хорз тренер у?

Гергиты Валерийы фырт Абисал дӕр ахӕм хорз музыкант у?

Соскъиты Владимиры фырт Барис дӕр ахӕм хорз скультор у?

Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты професситы ахӕм курдиатджын не сты.

Сымах та цы хъуыды кӕнут?⬇️

@ironkanal
  • 👍 3
  • ⚡ 1
  • 🔥 1
  • 💯 1
  • 😈 1
Post #5644 282
🥊 Гасситы Мурӕтӕн йӕ суперчемпион"-ы титул байстой, ныр ма у хуымӕтӕг WBA-ы чемпион.
@ironkanal
  • 😁 2
  • 👍 1
  • 🥰 1
  • 🤯 1
  • 😱 1
Post #5643 388
🔤 Ирон ӕвзаг хъахъхъӕнджытӕ

Ирон ӕвзагыл мультипликацион кинонывтыл бафтыд. Ацы хатт иронау сдзырдтой «Элементарно»-йы хъайтартӕ. Иронау ӕй схуыдтой «Элементтӕ».

Мультипликацион киноныв равдисдзысты 26 сентябры 18 сахатыл Национ чиныгдоны. Ӕвдисдзысты йӕ лӕвар, ӕрбацӕуын у алкӕй бон дӕр.
@ironkanal
  • ❤ 4
  • 👍 2
  • 👏 2
  • 🤔 1
  • 🤝 1
Post #5642 287
ФИДИУӔГ 😈 Уырыссаг чырыстон дин: Ды чи дӕ ӕмӕ хицауды ныхмӕ дзурыс?! @ironkanal
🤍🔤🏺 Хорз у ӕмӕ мах ирӕттӕ стӕм ӕмӕ нын ис нӕхи ИРОНДИН ӕмӕ нӕдӕр уырыссаг чырыстон дин нӕдӕр гуырдзиаг чырыстон дин ницы бар дарынц ИРЫСТОНМӔ.
@ironkanal
  • 💯 12
  • 🔥 3
  • ❤ 1
  • ⚡ 1
  • 🤝 1
Post #5638 375
🤍 Йӕ цардӕй ахицӕн Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнадон архайӕг Ходы Тамерлан.

Тамерлан бирӕ азты дӕргъы стыр активон хайад иста Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнадон царды, нӕ зивӕг кодта фӕсивӕдимӕ дӕр ӕмбӕлын ӕмӕ семӕ ныхас кӕныныл, хъомыл кодта нӕ кӕстӕрты.

Тамерлан уыд нӕ хистӕртӕй сӕ иу, кӕцы ӕрмӕст иронау дзырдта нӕ ӕхсӕнады ӕмӕ ӕмбырдты ӕмӕ тынг зӕрдиаг агитаци кодта, цӕмӕй мах, Мӕскуыйы ирӕттӕ, кӕрӕдзиимӕ ӕрмӕст иронау дзырдтаиккам.

🔤 Тамерлан тынг мӕт кодта, Цӕгат Ирыстоны ирон ӕвзаджы закъон кӕй нӕй... Ӕмӕ абон Мӕскуыйы ирӕттӕ куы хизын кодтой нӕ хистӕры йе 'нусон Дунемӕ, Цӕгат Ирыстоны парламент райста ирон ӕвзаджы закъон: КУЫД ДИССАГ У ЦАРД?!

Рухсаг у, Тамерлан!

@ironkanal
  • 🙏 14
  • 💔 3
  • 🔥 2
  • ❤ 1
  • 😱 1
  • 😢 1
Post #5637 389
☄️ Абон Дзауы йе 'нусон Дунемӕ ахизын кодтой Пӕрӕстаты Ацӕмӕзы, кӕцы фӕмард Сӕрмагонд хӕстон операцийы.

Хӕстон ныууагъта сидзӕртӕй ӕртӕ чысыл сывӕллоны... Рухсаг у!
@ironkanal
  • 😢 15
  • 🙏 5
  • ⚡ 1
  • 🔥 1
  • 😈 1
Post #5636 385
☄️1⃣3⃣8⃣9⃣☄️Сӕрмагонд Хӕстон  операцийы фӕмард ирон хӕстон ГАГЛОЙТЫ СОСЛАН

🔥 РУХСАГ У, ИРОН!

⏺ Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстонтӕ операцийы фӕмард сты 🤍1389 ирон хӕстоны.
📱 @ironkanal
  • 😢 14
  • 🙏 3
  • 🤬 2
  • 🔥 1
  • 🙈 1
  • 🤪 1
Post #5635 375
☄️1⃣3⃣8⃣8⃣☄️Сӕрмагонд Хӕстон  операцийы фӕмард ирон хӕстон ӔЛБОРТЫ АЦӔМӔЗ

🔥 РУХСАГ У, ИРОН!

⏺ Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстонтӕ операцийы фӕмард сты 🤍1388 ирон хӕстоны.
📱 @ironkanal
  • 😭 12
  • 🙏 3
  • 💔 3
  • 🤬 2
  • 🔥 1
  • 🤪 1
Post #5634 374
📈 Цӕгат Ирыстон та ногӕй Уӕрӕсейы антирейтингы фыццаг бынат бацахста - ӕппӕты бӕрзонддӕр инфляци августы — 20,8% уыд Ирыстоны.

Инфляцийы сӕйраг драйвер та сси ӕртаджы аргъы рӕзт.

Уыимӕ официалон азон инфляци нӕ республикӕы у ӕрмӕст ... 9,24%.

@ironkanal
  • ⚡ 2
  • 👎 1
  • 🔥 1
  • 🤬 1
  • 💯 1
Post #5633 376
☄️1⃣3⃣8⃣7⃣☄️Сӕрмагонд Хӕстон  операцийы фӕмард ирон хӕстон КӔРКУЫСТЫ ЭЛГУДЖА

🔥 РУХСАГ У, ИРОН!

⏺ Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстонтӕ операцийы фӕмард сты 🤍1387 ирон хӕстоны.
📱 @ironkanal
  • 😢 16
  • 🙏 2
  • 🔥 1
  • 🤬 1
  • 🤪 1
Post #5632 378
🇪🇺 Президенттӕ ӕмӕ ӕндӕр чиновниктӕ нӕм бирӕ ис, фӕлӕ футбол нал ис Цӕгат Ирыстоны!!!

@ironkanal
  • 💯 3
  • ✍ 1
  • ⚡ 1
  • 🔥 1
Post #5631 433
📈 АДӔМЫ ТА АСАЙДТОЙ

❗️Ӕвзӕрстытӕ фесты ӕмӕ адӕм сты сӕрибар: 1-ӕм октябрӕй цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады тарифтӕ стӕхдзысты, токы тариф Цӕгат Ирыстоны схиздзӕн 6.97 сомы онг 1кВт*ч тыххӕй.

📈 ЦКХ-йы тарифтӕ сты Цӕгат Ирыстоны ӕппӕты уӕлдӕр Уӕрӕсейы.
@ironkanal
  • 🤬 9
  • 👎 3
  • ❤ 1
  • 🔥 1
  • 🤯 1
  • 😈 1
Post #5629 437
🗣️Ирыстоны сӕрвӕлтау чи нӕ у цӕттӕ йӕ сӕр ӕрывӕрын, уый мӕлдзӕн ӕцӕгӕлон бӕстӕты интерестыл.🗣️

©Ирон ӕмбисонд

©СТЫР НЫХАС
  • 🔥 5
  • 💯 4
  • 🤡 2
  • 🤬 1
  • 😢 1
Older posts →

About this channel

How can I read @ironkanal without a Telegram account?
TGViewer shows the public web preview Telegram publishes for ФИДИУӔГ: recent posts, photos, videos and the subscriber count, with no app, login or account.
How many subscribers does ФИДИУӔГ have?
ФИДИУӔГ (@ironkanal) has 2.15K subscribers on Telegram, refreshed roughly every 30 minutes.
Does ФИДИУӔГ know I viewed it here?
No. Public channel previews carry no viewer identity, and TGViewer has no accounts or tracking of what you look up.
Threads Profile ViewerView any public Threads profile without an account.Open ThreadLook →Writing with AI? Make it sound human.Metric37 rewrites AI drafts so they read naturally. Free AI detector, 1,500 words free.Try Metric37 →