🔸 Садон... Хӕхты, диссаджы ӕрдзы ӕмӕ фидар адӕмы ӕмтад. Ам, 2000 метры бӕрзӕндыл, ӕрзӕты гуырӕнты бахсыстысты тыхджын ӕмӕ хуыздӕрмӕ тырнӕг кусджытӕ.
XVIII ӕнусы дзы бельгиаг специалисттӕ цинк, зды, ӕвзист куы ссардтой, уӕд поселок рӕзын райдыдта. Фӕсарӕйнаг кусджытӕ бавнӕлдтой цӕрӕн хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ бӕстыхӕйтты арӕзтадмӕ. Архитектурӕ дзӕвгар хицӕн кодта. Зӕгъӕн ис, хӕхты астӕу сырӕзт чысыл европӕйаг хъӕу.
Азтӕ цыдысты, цард дзы цӕджджинагау фыхти. О, о — ивгъуыд афоны. Уыцы бонтӕй ма абон баззадысты, кӕрдӕджы бын чи фӕци, уыцы кӕддӕры раст уынгтӕ, фӕсарӕйнаг хуызы амад бӕрзонд рудзгуытимӕ хӕдзӕрттӕ, аив балкъонтӕ...
Хур ма раздӕрау ӕрбакӕсы ӕмӕ сӕрттивын кӕны рудзгуыты ӕвгтӕ, цыма йӕ раздӕры цӕрджыты йӕ тынтӕй райхъал кӕнынмӕ хъавы, уыйау. Фӕлӕ-иу хуры фыццаг тынтимӕ чи фестад, уыцы шахтертӕй дзы иу дӕр нал ис.
Садон та лӕууы... Цавӕр ӕмӕ цы хуызы, уый ӕндӕр ныхас у. Фӕлӕ ныр дӕр йӕ уӕздан ӕгомыгдзинады тынг рӕсугъд у.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Post #6950
270









