НОГ РОМАН "ШПИОН"
"Мах дуг"-ы 9-æм номыры уæ размæ хæссæм курдиатджын фыссæг Таболты Артуры роман "ШПИОН"-æй иу хай. Фыст у, йæ ном зæххы къорийыл кæмæн айхъуыст, Мæйыл йæ къам кæмæн ис сагъд, уыцы стыр ахуыргонд Токаты Гогкийыл. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Безаты Фаризæт. Мыхуыры нæма уыд.
***
2003 азы, ноябры, Лондонæй гыццыл æддæдæр, Суррейы графствæйы 95-азыкконæй йæ цардæй
ахицæн Лондоны университеты авиацион æмæ космосон технологиты Департаменты сæргълæууæг,
профессор Григори Токати.
Григори Токатийы ном хæссы Лондоны университетон сахары уынгтæй иу, йæ бронзæйæ конд бюст ис америкæйы космосон центр Лос-Аламосейы, йæ портрет та йын 1972 азы америкаг астронавттæ Вернер фон Брауны портретимæ сæвæрдтой Мæйыл. Токати йемæ ахаста, Ставд-Дуртæй рацæугæ æвзонг лæппу Токаты Гогки æмæ Сырх Æфсады дæлбулкъон Григорий
Токаевæй æппæт дунейыл хъуыстгонд англисаг ахуыргонд Grigory А. Tokaty куыд рауад, уыцы сусæгдзинад. Йæ мемуартæ нырма дæр æргом не сты.
Роман «Шпион»-ы автор бафæлвæрдта уыцы райхалинаг сусæг историйæ исты раргом кæныныл.
Дарддæр бакæсдзыстут журналы ног нымыры. Рацæудзæн сентябры астæуты.
#журналмахдуг
Post #73
250
