Æз тынг бирæ уарзын мæ мады,
Тынг бирæ уарзын мæ Ир.
Ноджы ма уарзын мæ чызгы,
Уарзын тæхгæ-тæхгæ цъиу.
Мæ цæстытыл уайы мæ уарзон,
Мæ цæстытыл уайы мæ Ир.
Мæ мады дæ дæр æз уыдтон,
Хорзæй баззай мнæ Ир.
Хæсты адæмы мардтой,
Мардтой cæ бирæгæйтæй.
Фæлæ нæ уыдис махæн,
Фехуыс кæнын уыдонæн.
Ме’мгæртæй бирæ фæмарди
Амард мæ хуыздæр æмбал,
Авд нæмыг мыл ныссагъди
Феййафын дæ ме’мбал.
Фæлæ æвæццæгæн царды,
Нæ уыди махæн цæрын.
Йе’ныр та кæуынц мæ мардыл,
Рухс зæгъынц адæм мæнæн.
Мæ цæстытыл уайы мæ уарзон,
Сау сæрбæттæн ыл вæййы.
Алы бон ингæны уæлхъус
Йæхи кæуынæй мары.
Хæсты адæмы мардтой,
Мардтой сæ бирæгæйттæй.
Æз зарын ахæм бæстæй
Кæцæй раздæхæн нæй.
Post #1202
427
- ❤ 9
- 👍 1