… патриархаты æвзæрæй ницы ис, рыст хæссы æрмæст æлгъаг зонд (куыд нæлгоймаджы, афтæ сылгоймаджы).
Знон, цалынмæ сихор кодтон, уæдмæ бакастæн Азæмæт æмæ Аликы подкастмæ. Фæбæрæг кæнон мæ хъуыдытæ:
1. Фылдæр адæм нæ зонынц цы у феминизм: йæ бындуры цавæр у æмæ йæ хæс «ды дæр къустæ ныхс»-æй бæстондæр у.
2. Фылдæр адæм нæ зонынц цы у патриархат: йæ бандуры цавæр у æмæ йæ хæс сылгомагæй фæсдзæуин скæнынæй бæстондæр у.
3. Феминизм æмæ патриархат не сты иугъæдон — патриархат у матриархаты рæнхъæй.
4. Цы чызг, цы лæппу не ‘мбарынц ирон æхсæнады арæзт æмæ патриархат ивддзинадтæ цæмæн ййафы.
Уый хыгъд, ацы фæрстытæн дзуапп дæтты ацы подкаст.
Сылгоймаджы бынат кæдæриддæр уыд барджын æмæ кадджын. Сылгоймагæн цы хатыр кодтой, уый нæлгоймагæн нæ хатыр кодтой, сылгоймаджы бар цæуыл цыд (нæлгоймагыл, бинонтыл, мыггагыл, æхсæнадыл) æмæ цæуы ныр дæр, уый дыууæтæ дæр ферох кодтой. Хъуыды кæнæм æрмæст риссаг дæнцæгтæ.
Идеалон уæм ма фæкæсæт мæ дæнцæг, фæлæ — нарты Сатана. Абы куырыхон сылгоймаг у ирон мады æххæст фæлгонц. Фæнды дæ хуыздæр? Дæ зонд хъуамæ кæрда, нæлгоймаджы кардау нæ, фæлæ æндæрхуызон.
Сылгоймаг æмæ нæлгоймаг иуранхъон не сты, алкæмæндæр сæ ис йæхи бынат къайы, бинонты, мыггаджы, æхсæнады. Нæ мæ фæнды зæгъын, ома патриархат Ирыстоны никуы уыд, фæлæ цы бартæ æмæ хæстæ æххæст кодтой сылгоймаг æмæ нæлгоймаг, уыдон уыдысты бæрæг, бæлвырд æмæ фыццаджы дзуапп лæвæрдтой логикæйæн — сæ иу хæдзар, иннæ та хæдзары фарн (йæ хуылф, цæмæй хицæн кæны хæдзар хуымæтæджы амадæй). æмæ зынцард уыди, о, фæлæ æрмæст уыцы замантæ дæнцæгæн хæссын аив нæу, мæнмæ гæсгæ.
Уæдæ «Феминизация экономики» — куыд чызг, кæцы йæхæдæг йæхи дары, фыр хъалæй нæ (Азæмæт куыд загъта, зæгъгæ, сæ фæнды рæсугъд цацатæ æмæ бибитæ æмæ уый тыххæй кусын раздæр райдайынц), фæлæ хуымæтæджы мæ уат бафидон, мæхицæн бахæрын кæнон æмæ æрдзы алы рæстæгмæ цæттæ уон, уый тыххæй кусын. Фæлæ цард æрмæст уымæй куы уыдаид, уæд Аликы загъдау, æнæ куыстæй дæр «база» сыхгæнин. Фæлæ сырд нæ дæн, фылдæр мæ хъæуы, уыимæ экономикæйы дæр мæ фæрæзтæ зынгæ зилынц.
æхсæнад худæг у: фидыны афон куы рцæуы, уæд сылгоймаг дæр æмæ нæлгоймаг дæр кæрæдзийæн сæ хæстæ кæрæдзийы ныхыл ныппæртт кæнынц, фæлæ патриархат æмæ матриархаты æхсæн кæй цæрынц не ‘хсæнад, уый зонд нæ кæрды.
Post #5786
1.83K
Forwarded from Агуындæ зæгъы…
YouTube Феминизация экономики Осетии [Подкаст] Азамат Козырев и Алик Пухаев обсудили влияние феминизации экономики на культурные и социальные процессы в Осетии. Таймкоды: 00:00 Заставка 00:15 Что такое феминизация экономики Осетии 05:00 Патриархальная иерархия и влияние западных трендов 10:11 Осетинские…- 😐 6
- 😁 3
- 👍 1