TGViewer
Осетия - [æ] Осетия - [æ] @ossetiafb · 30.9K subscribers
Post #60669 13.3K
Арӕх фӕдзурынц паспорттыл, ома, дам хъуамӕ бар уа алкӕцы ирон адӕймагӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны паспорт райсын, цӕмӕй дам демографи фӕхуыздӕр уа ӕмӕ а.д. Фӕлӕ мӕнмӕ фарста ис, куыд хъуамӕ фӕхуыздӕр уа демографи, кӕд ӕмӕ паспорттӕ чи райсы, уыдонӕн сӕ 99%-фылдӕр цӕрынц фӕсарӕнты? Куыд хъуамӕ фӕхуыздӕр уа демографи, кӕд ӕмӕ социалон лӕггӕдтӕ(пенситӕ, зӕгъӕм) хъуамӕ ӕххӕссой уыцы ног паспортты дарджытыл дӕр. Нӕ Республикӕйы рагӕй фӕстӕмӕ ис ахӕм практикӕ (2006 азӕй фӕстӕмӕ): паспорттӕ лӕвӕрд кӕй цӕуынц бирӕ фӕсарӕйнаг ирӕттӕн, фӕлӕ дзы демографийӕн пайда нӕй. Стӕй цӕмӕн хъуамӕ скъуыддзаг кӕной ӕвзӕрстыты рӕстӕджы дӕр Хуссар Иры хъысмӕт ахӕм адӕм, кӕцытӕ Цхинвалмӕ ӕрцӕуынц ӕрмӕст хӕдтулгӕтӕ кӕнынмӕ? Мӕнӕн мӕ хъуыды у афтӕ: алы ирон адӕймагӕн дӕр хъуамӕ уа фадат райсын Республикӕ Хуссар Ирыстоны паспорт ӕрмӕстдӕр мӕнӕ ацы домӕнтӕ куы сӕххӕст кӕной, уӕд:

1) Ирон лӕг хъуамӕ ацӕра 5 аз нӕ Республикӕйы, цӕмӕй йын бар уа паспорт райсын.

2) Гоймаг, кӕцыйы фӕнды райсын ирон паспорт хъуамӕ фӕлварӕнтӕ ацӕуа, кӕцытӕ сбӕрӕг кӕндзысты зоны адӕймаг ирон ӕвзаг ӕмӕ Республикӕйы Конституцийы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ ӕви нӕ.

3) Кӕд ӕй тагъддӕр фӕнды райсын паспорт, зӕгъӕм, дыууӕ азмӕ, уӕд та хъуамӕ ацӕуа ӕфсады службӕ, цӕмӕй йӕ ӕмбарӕм ӕцӕг уарзы йӕ бӕстӕ, ӕви нӕ.

4) Кӕд ӕй тагъд фӕнды райсын паспорт ӕнӕ фӕлварӕнтӕй, уӕд та хъуамӕ ныввӕра нӕ националон экономикӕйы минимум 60 милуан сом, кӕнӕ бакӕна ахӕм кондад, цы ран кусдзысты минимум 15 кусӕджы. Дунейы мидӕг ахӕм практикӕ бирӕ рӕтты ис.

Кӕд машинаты тыххӕй ӕви пенситы тыххӕй исынц паспорттӕ(куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй пенсионон кар махмӕ къаддӕр у Уӕрӕсеимӕ абаргӕйӕ), уӕд нӕ ахӕм адӕм нӕ хъӕуынц. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ацы мадзӕлттимӕ иумӕ хъӕуы фӕивын ӕвзӕрстыты закъон афтӕ, цӕмӕй фӕсарӕнты ма скъуыддзаг кӕной нӕ хъысмӕт. Мӕ бӕсты цӕмӕн хъуамӕ хӕсса тӕрхон нӕ бӕстӕйы сомбонӕн ахӕм адӕймаг, кӕцы не взардзӕн уыцы тӕрхоны фӕстиуджытӕ йӕхиуыл? Кӕд кӕмӕндӕр риссы йӕ зӕрдӕ Ирыстоныл, уӕд нӕ фӕзивӕг кӕндзӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн хъӕлӕс кӕнынмӕ Хуссар Ирмӕ. Уыимӕ ма цензы тыххӕй дӕр фӕдзурынц арӕх, ома, дам ӕй бынтондӕр сисӕм, фӕлӕ мӕнмӕ та афтӕ кӕсы ӕмӕ йӕ хъӕуы фӕкарздӕр кӕнын. Хикандидатурӕ раразмӕ кӕныны бар хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр йӕ равзӕрдмӕ гӕсгӕ чи у не 'мбӕстаг, ахӕмӕн. Уый тыххӕй ӕмӕ ам чи цӕры, уыдонӕн хъуамӕ уа фылдӕр бартӕ ӕддагонтимӕ абаргӕйӕ. Сымах та куыд хъуыды кӕнут? (@chom_mema)
  • 👍 61
  • 👎 23
  • 🤡 14
  • 🔥 11
  • 🤮 9
  • ❤ 8
  • 👏 2
  • 🤣 1
More from @ossetiafb
  1. Sep 21, 2026Жители Хазнидона обратятся в Минприроды РФ из-за горящей свалки Жители села Хазнидон начин…
  2. Sep 21, 2026Репортаж Джульетто Кьезы из осажденного Цхинвала и его интервью с Звиадом Гамсахурдией. В…
  3. Sep 21, 2026Сергей Меняйло поручил привлечь волонтёров к регулированию очередей на АЗС. На аппаратном…
  4. Sep 21, 2026Мэрия Владикавказа временно перекрыла участки набережной для прогулок: от Чугунного моста…
  5. Sep 21, 2026Спикер парламента Грузии Шалва Папуашвили прокомментировал идею вступления страны в Евросо…
  6. Sep 21, 202690 лет со дня рождения Юрия Лужкова После войны августа 2008 года по поручению руководства…
Threads Profile ViewerView any public Threads profile without an account.Open ThreadLook →Writing with AI? Make it sound human.Metric37 rewrites AI drafts so they read naturally. Free AI detector, 1,500 words free.Try Metric37 →