Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы Координацион советы номæй уын зæрдиагæй арфæ кæнæм сæйраг национ бæрæгбон — Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн!
Нæ адæмы историйы 1990 азы 20 сентябрь ссис хъысмæтæвзарæн бон. Ацы бон æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадæн фидар бындур. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад æмæ æнæфæцудгæ фæндон, стæй нæ адæмы куырыхондзинады руаджы нæ бон баци нæ райгуырæн зæххыл цæрын, кусын æмæ сывæллæтты хъомыл кæныны бар, нæ æвзаг, æгъдау, культурæ æмæ фыдæлтыккон традицитæ бахъахъхъæнын.
Абон Хуссар Ирыстон ныфсджынæй цæуы йæ паддзахад сфидар кæнынмæ, йæ социалон-экономикон къабаз рæзын кæнынмæ, стæй æфсымæрон Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстонимæ алывæрсыг æмархайд фæарфдæр кæнынмæ. Нæ иудзинад æмæ æнæфæцудгæ монон æмæ культурон бастдзинæдтæ сты сæйраг тых, кæцы нын æххуыс кæны цыфæнды зындзинæдты сæрты ахизынæн.
Аланты Ныхас зæрдиагæй зæгъы æппæт Ирыстоны адæмæн фидар æнæниздзинад, сабырдзинад, фидæны ныфс, æмæ ног æнтыстытæ нæ уарзон Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн! Уæлахиз уæт Ирон адæмы иудзинад!
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар, Паддзахад Аланийы æртыккаг президент Тыбылты Леонид
Post #4639
153
Forwarded from Аланты Ныхас Хуссар Ирыстон
- 💯 1