Хорз хъӕппӕрис
🔻Мӕздӕджы районы хистӕрты арӕх сбуц кӕнынц ӕмӕ сын сӕ бирӕ фӕллойадон азты тыххӕй ныр аразынц алыхуызон ирхӕфсӕн ӕмӕ пайда мадзӕлтӕ.
Ацы хатт сӕ балцы аластой Пятигорскмӕ. Уым та сын сарӕзтой цымыдисаг экскурси: федтой цад Провал, схызтысты Машукмӕ, зылдысты горӕты рӕсугъд бынӕттыл ӕмӕ парктыл.
➡️ Ацы мадзал арӕзт ӕрцыд федералон проект «Хистӕр фӕлтӕр»-ы фӕлгӕты.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Post #7933
79





- ❤ 3
- 👍 1
- 🔥 1