Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй закъон райсын у ахсджиаг къахдзæф æрмæст ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн нæ, фæлæ ма республикæйы культурон æмæ æмбæстагон æхсæнад сфидар кæнынæн дæр. Закъон хъуамæ баива паддзахадон æвзæгты конституцион статус хуымæтæг расидæныл, бæлвырд æмæ æххæстгæнæн æгъдаумæ, кæцы пайда кæндзыстæм æхсæнадон царды.
Ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ сты республикæйы æхсæнадон фæзуаты вазыгджындæр хай. Уырыссаг æвзаг æнцондæр кæны нациты ‘хсæн бастдзинад æмæ æппæтуæрæсеон уагдæттæм бацæуын, ирон æвзаг та - адæмы историон мысынад, дунеæмбарынад, æгъдæуттæ, культурон æнæфæцудгæдзинад. Сæ æххæст æмæ æмбæлон пайда кæнын адæмы кæрæдзийы ныхмæ не ‘вæры, фæлæ аразы уавæртæ кæрæдзийы иудзинадмæ.
Закъон, кæцыйы Парламент райста йæ фыццаг бакасты, нысан кæны паддзахадон æвзæгтæй пайда кæныны барадон бындур æхсæнадон хъуыддæгты - хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайды, ахуырады, наукæйы, культурæйы æмæ æндæр хайæдты, хъуамæ сæ сфидар кæна. Ацы системон ахаст нын фадат дæтты æвзаджы формалон банымады тыххæй нæ, фæлæ дзы æрвылбоны царды пайда кæныны реалон фадæтты тыххæй дзурынæн.
Post #985
12.3K
- ❤ 24
- 👍 14
- 🔥 5