МАДЫМАЙРÆМ
Мадымайрæммæ табу бакæнæм, о, не ’хсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, Мадымайрæм.
Нæ чындзхон чызджытæ
— дæ кувæг адæм.
Уой, не ’фсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, табу, Мадымайрæм.
Дæ кувæг лæппутæ
— дæ кувинаггæнджытæ,
О, не ’хсин, гъо, не стыр ныфс, табу, Мадымайрæм.
Усгур лæппутæ
— дæ бæгæныгæнджытæ, дæ кусартгæнджытæ,
О, табу, Мадымайрæм.
Чындздзон чызджытæ
— дæ чъиригæнджытæ.
Зæронд устытæ дæм зонгуытыл куы цӕуынц.
Гъо, не ’фсин, не стыр ныфс, табу дын куы кӕнынц.
Зæронд лæгтæ дæумæ куы кувынц, дæ хорздзинæдтæ дын кургæ кæнынц.
Уо, не ’фсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, табу, Мадымайрæм.
Баххуыс ма нын кæн, гъо, Мадымайрæм, гъо, не ’фсин, не стыр ныфс.
Уалдзыгон тæрхъус
— сындзы быдыры,
Майрæмы арфæ
— чындзы гуыбыны; гъо, табу, гъо, Мадымайрæм.
Стыр Мæздæгæй куы рараст вæййы.
Нæ хъæбæр хохмæ куы ’рбафардæг вæййы.
Хохы адæмæн арфæ кæны,
О, табу, о, Мадымайрæм.
Радзырдта йæ Хъесаты Харитон. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ
Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21
Post #1692
61
Forwarded from _iron_orthodox_






















