TGViewer
Константин Плиев - Депутат Парламента РЮО Константин Плиев - Депутат Парламента РЮО @chom_mema · 581 subscribers
Post #335 739
Цытджын Цгъойты Тамерлан, Мысыкаты Батрадз, Пухаты Алик, Бестауты Сослан ӕмӕ ма ӕндӕр анонимон каналты автортӕ!

Куыд кӕсын, афтӕмӕй сымах дарддӕр уадзут информацион кампани адӕмы 'хсӕн, цӕмӕй сӕ сразы кӕнат ууыл, цӕмӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны паспорттӕ уӕрст цӕуой ахӕм адӕмы 'хсӕн, кӕцытӕ сӕхи хонынц "ирӕттӕ", цӕмӕй сын цензтӕ сисой ӕмӕ а.д. Уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстон афтӕ сраст кӕндзӕн демографи, экономикӕ. Уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уӕлдай нӕу, зонынц ахӕм ирӕттӕ ирон ӕвзаг ӕви нӕ , уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр афтӕ ӕрцӕудзысты хуым Ирыстоны зӕххытӕ... Цыбыр ныхасӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ паспорттӕ куы байуарӕм, уӕд Хуссар Ирыстоны алцыдӕр хуыздӕры 'рдӕм фӕивдзӕн... Хорз, бамбӕрстон уӕ. Мӕ ныхӕстӕ мын уӕ каналтыл сзыгъуыммӕ кодтат, ӕмӕ дарддӕр дӕр архайут ацы фӕлывд хъуыддагыл. Уӕ каналтыл нӕй гӕнӕн ӕргомӕй дискусси уадзын ӕмӕ рӕстмӕ реакцитӕ уадзын, раст уый тыххӕй уӕм сидын рӕстдзинады сӕраппонд:

Кӕд уӕ фӕнды ӕргомӕй ацы темӕйыл аныхас кӕнын ӕмӕ уӕ кӕд рӕстдзинад цымыдис кӕны, кӕд Ирыстоны ӕцӕг патриоттӕ стут, уӕд ӕри фембӕлӕм камерӕты раз комкоммӕ эфиры ӕмӕ ауадзӕм дискусси. Ӕнӕ дӕлӕ-уӕлӕтӕй, ӕнӕ загъта-бахтатӕй. Ӕри фембӕлӕм, сымах, куыд иу хъуыдыйыл хӕст адӕм, иуырдыгӕй, ӕз та иннӕрдыгӕй.

Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзыстут, кӕд Ирыстоныл уӕ зӕрдӕ риссы... ӕви нӕ?
  • 👍 36
  • ❤ 9
  • 🔥 9
  • 👏 5
  • 👎 2
More from @chom_mema
  1. Sep 16, 2026"Дружба народов Южной Осетии и России будет развиваться", депутат парламента РЮО Константи…
  2. Sep 15, 2026Константин Плиев пригласил Сергея Карякина посетить Южную Осетию На полях Международного ф…
  3. Apr 28, 2026photo post
  4. Apr 24, 2026Имел честь дать интервью новостному агентству "Спутник Южная Осетия". В беседе мы обсудили…
  5. Apr 15, 2026Тӕхуды ирон адӕм та куы равдисиккой стыр хъӕбатырдзинад, цӕмӕй аккаг фӕуӕм нӕ раздӕры фӕлт…
  6. Apr 15, 2026Уӕрӕсейы паддзахадон корпораци "Роскосмос" ӕмбырд кӕны космонавтты ног къорд Госуслугиты у…
Threads Profile ViewerView any public Threads profile without an account.Open ThreadLook →Writing with AI? Make it sound human.Metric37 rewrites AI drafts so they read naturally. Free AI detector, 1,500 words free.Try Metric37 →