Post #316
758




Хуссар Ирыстоны Парламенты экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фӕдыл комитет рабадт ауагъта. Боны фӕтк: Закъоны проект "О государственной поддержке субъектов малого и среднего предпринимательства в Республике Южная Осетия". Мӕ хъуыды мӕнӕн баззад ӕнӕаивдӕй: ныр цы хуызы у, 2018 азы йӕ цы хуызы райста Парламент, уыцы хуызы эффективон нӕу бынтондӕр. 200 милуанмӕ ӕввахс рахицӕн кодта нӕ паддзахадон бюджет 8 азы дӕргъы мидӕг ӕмӕ дзы ӕмбӕлон ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ нӕй. Мӕ хъуыды у афтӕ: ӕви йӕ бындуронӕй фӕивын хъӕуы, цӕмӕй ӕцӕг кӕй фӕнды бакусын бизнесы къабазы, уымӕн уа ӕнцонвадат райсын ӕххуыс, ӕви бынтондӕр аиуварс кӕнын ацы программӕ. Афтӕ йӕ ма уал дарддӕр кӕнӕм. Ӕз рабадты фӕстӕ срегистраци кодтон мӕ хъӕппӕрис. Уым фӕнысан кодтон цы ис гӕнӕн фӕивын, цӕмӕй, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, чысыл фӕхуыздӕр кӕнӕм программӕ.
- 👍 15
- ❤ 1
- 🔥 1
- 👏 1