Абон уыд ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы Координацион Советы æмбырд. Йæ сæрдар Фриаты Хъазыбег дзуаппон доклады радзырдта ныронг цы райхалинаг фӕрстытыл бакуыстой, уыдоны тыххæй. Сæ сæйрагдæртæй иу – «РЦИ-Аланийы Паддзахадон æвзæгты» закъоны проекты фарст йӕ бынатӕй кӕй фезмӕлыд, уый тыххӕй.
Æмбырды рæстæг Фриаты Хъазыбег фехъусын кодта, кæй балæвæрдта курдиат, цæмæй йӕ ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы КС-ы сæрдары хæстæй суӕгъд кæной. Координацион Советы уӕнгты хъæлæстæм гæсгæ ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы сæрдарæй ӕвзӕрст æрцыдис Хадыхъаты Азæмæт.
Сӕрдары фыццаг хæдивӕгӕй та равзӕрстой Дзестелты Хазбийы. Хӕдивӕджы хæстæ ма змӕлды æххæст кæндзӕнис Туаты Руслан.
Post #174110
166
Forwarded from Аланты Ныхас (Лада Моргоева)



