Ирон адæммæ ис бирæ ахӕмтӕ, кӕй хонӕм – рухстауджытæ.
Кæцытæ архайдтой, цæмæй ирон адæм уæндон къафдзæфтæ акæной рухс фидæнмæ æмæ æмдзу кæной раззагдæрты 'хсæн.
Уыдонӕй иу уыди Ӕлборты Барысби. Абон, 24 хуымгӕнӕны, у йӕ райгуырӕн бон ӕмӕ йӕ ном мах арӕм – рухсаг уӕд!
Йӕ цард радта Ирыстонӕн – ӕнӕзымджынӕй репрессигонд уыд, фӕлӕ нӕ асасти йӕ хъару ӕмӕ та уыйфӕстӕ йӕ куыстмӕ раздахт, бирӕ мӕ йын бантысти.
Ирыстоны къӕмтты фембырд кодта цымыдисаг фольклорон материал. Институттӕ ӕмӕ ахуырады уагдӕттӕ байгом кӕныныл архайдта цӕмӕй фӕллойгӕнӕг адӕм ахуыргонд суой.
Бындурӕвӕрӕг уыди зонады: ӕстыр хуын бахаста ирон ахуырады, этнографи, фольклор иртасыны хъуыддагмӕ.
Ныры Ирыстоны йӕ ферох кодтой, ӕмӕ уый раст нӕу. 'Стӕм адӕм мӕ зонынц, чи уыди Ӕлборты Барысби ӕмӕ цас хорздзинӕдтӕ скодта Ирыстонӕн.
Зæрдæбын æмæ ахсджиаг куыст бакодта Барысби ӕмӕ йын хъуамӕ кад кӕнӕм. Йӕ ном арӕм, йӕ бындур ӕнувыдӕй хӕссӕм фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Цыртдзӕвӕн йын университеты раз сӕвӕрын хъӕуы ӕмӕ йӕ райгуырӕн хъӕуы Ольгинскӕйы йын мемориалон фӕйнӕг уӕддӕр скӕнын хъӕуы, ӕмӕ уымӕй уӕлдай дӕр иу уынг ацы горӕты йӕ номӕй схонӕм!
Ирыстонӕн та мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕмӕ ахуырады фӕндагыл куыд цӕуа дарддӕр ӕмӕ нӕ ног фӕлтӕр сӕ идеологи ууыл куыд аразой! Уымӕн дӕр хъӕуы рухстауджыты ном хъуыдыкӕнын кӕддӕриддӕр.
➖➖➖➖➖➖
Цæгат Кавказы фыццаг профессор Æлборты Барысбийы райгуырæн бонмæ национ телеканал «Осетия-Ирыстон» бацæттæ кодта сæрмагонд равдыст.
https://iryston.tv/teleproject_release/aelborty-barysbi-i-dok/
Post #1346
951